Хуссар Иры Дзауы районы сбæрæг кодтой хуыты африкæйаг емынæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Гуырдзыстонмæ хæстæг хъæу Синагуры бакодтой карантинон мадзæлттæ хуыты африкæйаг емынæйы тыххæй, хъусын кæны æртыццæджы республикæйы хъæууон хæдзарады министрады пресс-службæ.
"Синагуры хъæуы æрæмбырд кодтам фæмардуæвæг фосы патологон æрмæджытæ æмæ сæ арвыстам Кропоткины ветеринарон лабораторимæ. Уым рабæрæг, фос рынчын кæй уыд хуыты африкæйаг емынæйæ", - радзырдтой министрады.
Хъӕуы уагъд цӕуынц ӕппӕт нывӕстон мадзӕлттӕ, сӕ нымӕцы бирӕэтапон дезинфекци, бафтыдтой хъӕууон хӕдзарады министрады.
Уагдон ӕрсидт ӕмбӕстӕгтӕм, цӕмӕй сӕ хуыты ӕдтӕмӕ мауал уадзой ӕмӕ ӕххӕст кӕной ветеринарты рекомендацитӕ.