МХМ бакодта уголовон хъуыддаг горӕты дыууӕ цӕрӕджы фехсыны фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) фӕдагуырды фӕткдаруат бакодта уголовон хъуыддаг Цхинвалы ӕхстыты фӕдыл, цауы фӕстиуӕгӕн фӕцӕф сты столицӕйы дыууӕ цӕрӕджы. Уый тыххӕй хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.
Раздӕр куыд хъусын кодтой, афтӕмӕй Цхинвалы хуыцаубоны ӕхстыты фӕстиуӕгӕн цӕфтӕ райстой горӕты дыууӕ цӕрӕджы – дыууӕ ӕфсымӕры 40 ӕмӕ 38 азы кары. Цауы тыххӕй фехъусын кодтой президент Гаглойты Аланӕн, уый бахӕс кодта МХМ ӕмӕ генералон прокуратурӕйы разамонджытӕн сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ бӕрндзинадмӕ ӕрбаздахын аххосджынты.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, мидхъуыддӕгты органтӕ уадзынц оперативон-сгарӕн мадзӕлттӕ фыдгӕнджыты ӕрцахсыны фӕдыл.
Хуссар Иры МХМ-ы радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры тыххӕй