Цхинвалы фарастуӕладзыгон хӕдзары цӕрджытӕ сӕхи тыхтӕй сцалцӕг кодтой подъезд ӕмӕ асинтӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы Харебаты Исахъы уынгыл 58-ӕм хӕдзары аскъуыддзаг кодтой сӕхи къухтӕй ауадзын цалцӕггӕнӕн куыстытӕ.
Фарастуӕладзыгон хӕдзары фыццаг подъезды рагӕй хъуыд цалцӕг – бӕстыхай эксплуатацимӕ радтой 41 азы размӕ. 2008 азы хӕсты фӕстӕ подъездты раивтой стеклопакеттӕ, уый фӕстӕ ахӕм куыстытӕ нал уыд.
Цӕрджытӕ аскъуыддзаг кодтой сӕхи тыхтӕй ауадзын цалцӕггӕнӕн куыстытӕ.
"Сӕйраджыдӕр – мах тынг хӕлар цард кӕнӕм. Ацы период чи нӕ кусы кӕнӕ отпускы чи ис, уыдон ӕххӕст кӕнынц мидӕггагон куыстытӕ. Цалцӕггӕнӕн куыстыты рӕстӕджы мах сахурдзыстӕм ӕмӕ нывтӕй сфӕлынддзыстӕм къултӕ", - радзырдта цӕрджытӕй иу Гаглойты Лариса.
Цхинвалы фарастуӕладзыгон хӕдзары цӕрджытӕ сӕхи тыхтӕй сцалцӕг кодтой подъезд ӕмӕ асинтӕ