Цхинвалы районы сфæлдæхт УАЗ, йæ гуыффæйы уыд трактор

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 июл - Sputnik. Фæндагон-транспортон цау æрцыд Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы, фехъусын кодта республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"УАЗ хæдтулгæйы 44-аздзыд шофыр, кæцы рацæйласта йæ гуыффæйы трактор, нæ сырæхст скъæрын æмæ уый фæстиуæгæн транспортон фæрæз сфæлдæхт", - банысан кодтой уагдоны.
Цауы фæстиуæгæн зианбаййафджытæ нæй, бынаты кусынц Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ, бафтыдтой министрады.
Цхинвалы районы сфæлдæхт УАЗ