Цхинвалы хӕдтулгӕ сӕмбӕлд рухсы цӕджындзыл, цӕфтӕ райстой дыууӕ пассажиры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы Гуыбаты ӕфсымӕрты уынгыл ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау: горӕты 62-аздзыд цӕрӕг сылгоймаг Pajero iO хӕдтулгӕйыл нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд рухсы цӕджындзыл, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
ФТЦ ӕрцыд райсом дӕс сахатмӕ ӕввахс. Аварийы фӕстиуӕгӕн цӕфтӕ райстой хӕдтулгӕйы дыууӕ пассажиры, уыдон бакодтой рынчындонмӕ, банысан кодтой уагдоны.
ФТЦ бынаты кусынц Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ, уыдон бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ, бафтыдтой министрады.