Цхинвалы хӕдтулгӕ сӕмбӕлд Сыгъдӕг Ӕртӕиуоны аргъуаны кулдуарыл, шофыр фӕтары ФТЦ бынатӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 июл - Sputnik. Цхинвалы ӕрцахстой хӕдтулгӕйы шофыры, кӕцы ӕртыццӕджы изӕры сӕмбӕлд Сыгъдӕг Ӕртӕиуоны аргъуаны кулдуарыл, уый фӕстӕ та йӕ нозтджын пассажиримӕ фӕтары цауы бынатӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Министрады банысан кодтой, фӕткхалӕг ӕртыццӕджы изӕры скъӕрдта Toyota Ractis хӕдтулгӕйыл Джиоты Аланы проспектыл Харебаты Исахъы уынджы рдӕм. Фӕндагон змӕлды фӕтктӕ фехалгӕйӕ, шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ сӕмбӕлд аргъуаны кулдуарыл.
"Милицийы кусджытӕ оперативон-сгарӕн мадзӕлтты рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой ФТЦ зӕрдӕхсагӕйы – Цхинвалы 22-аздзыд цӕрӕг ӕмӕ йӕ пассажиры", - бахахх кодтой уагдоны.
Фӕтхалджытӕн тӕрхондон рахаста 15 суткӕйы ахӕст.