Хуссар Иры спрезентаци кæндзæн хисæрмагонд туристон портал – Тъехты Альберт

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 июл – Sputnik, Томайты Аманда. Уæрæсейаг туроператорты цымыдис кæны Хуссар Ирыстоны туристон потенциалы райрæзт. Уый тыххæй Цхинвалы Кавказы инвестицион форумæн хатдзæгтæ скæныны фæдыл брифингы рæстæджы фехъусын кодта экономикон райрæзты министры хæдивæг Тъехты Альберт.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, мæйы дæргъы Хуссар Ирыстон бавдисдзæн хисæрмагонд туристон портал.
"Æввахс рæстæджы ацæудзæн нæ националон туристон порталы презентаци, цы ран мах равдисдзыстæм республикæйы потенциал ацы здæхты", - загъта министры хæдивæг.
Тъехты Альберт бафтыдта, зæгъгæ, ацы здæхты дырыс къахдзæфтæ сæххæст кæндзысты порталы презентацийы фæстæ, уымæй дарддæр проектæн баххуыс кæндзæн паддзахады къухдариуæгад дæр.