Знауыры районы цæрæг кæсаджы бæсты æрцахста гранатæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 22 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы цæрæг кæсаг ахсыны рæстæджы донæй сласта гранатæ Ф-1. Уый тыххæй фехъусын кодта республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрад.
Сапертæ куыд загътой, афтæмæй халæн æрмæг у срæмудзынхъом, уымæ гæсгæ йæ æвæстиатæй хъæуы аласын полигонмæ утилизацийы охыл.
Ацы хъуыддаг æххæст æрцæудзæн æввахс рæстæджы.