Хуссар Ирыстоны президент раарфæ кодта дзыллон информацийы фæрæзты кусджытæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта национ дзыллон информацийы фæрæзты кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны тыххæй
"Абон сымах удуæлдай лæггад кæнут уæ райгуырæн бæстæйæн, Республикæ Хуссар Ирыстоны интерестæ хъахъхъæнгæйæ æмæ йын дунеон аренæйыл йæ ахадындзинад тыхджындæр кæнгæйæ" — загъта президент.
Уымæй дарддæр ма банысан кодта, национ дзыллон информацийы фæрæзты ахсджиагдзинад уæлдай кæй рабæрæг информацион хæсты рæстæджы.

"Æхсæнадæмон изоляци æмæ политикон æндыгъдады уавæрты сымах равдыстад уе стыр профессионализм, уæ арæхстдзинад æмæ хуыздæр гоймагон миниуджытæ. Алы цæлхдурты сæрты ахизгæйæ, сымах загътат рæстдзинад, Хуссар Иры адæм сæрибар æмæ хæдбарады сæрыл куыд тох кодтой, уый тыххæй" — бахахх кодта Гаглойты Алан.

Хуссар Ирыстоны национ дзыллон информацийы фæрæзты бон бæрæг кæнынц 23 июлы. Ацы бон 1906 азы мыхуыры рацыд фыццаг ирон газет.