Цхинвалы дуканитæй дыууæйы хицæуттыл цæудзæн тæрхон административон барадхæлдтыты тыххæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 июл - Sputnik. Цхинвалы дуканитæй иуы барадхъахъхъæнджытæ ссардтой, республикæйы территорийыл парахатгæнæн кæмæн нæй, уыцы энергетикон нозт – фехъусын кодта мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.
Уымæй дарддæр, милицийы кусджытæ сбæрæг кодтой, горæты халсаруæйгæнæн дуканитæй иуæн кæй нæй лицензи.
Амалгæнджыты се `нæзакъон архайды тыххæй бахъæудзæн дзуапп раттын. Дыууæ факты фæдыл басгæрсты æрмæджытæ дæр æрвыст æрцæудзысты Цхинвалы тæрхондонмæ.