Цоциты Зауыр ссис арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 июл - Sputnik. Цоциты Зауыр нысангонд æрцыд арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрæй. Æмбæлон барамынд бафыста Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан. Документ йæ тыхы бацыд йæ бафыссыны бонæй – 24 июлæй.
Ацы бынаты Цоциты Зауыр раивта Елдзарты Константины. Уый йæ куыстæй сæрибаргонд æрцыд майы.