ЦХИНВАЛ, 25 июл - Sputnik, Фатима Плиева. Информаци æмæ мыхуыры комитеты пресс-центры ацыд мæскуыйаг дохтырты пресс-конференци. Бакулевы номыл Зæрдæйы æмæ дадзинты системæйы хирургион центры специалисттæ нæ республикæйы цæрджыты истой дыууæ боны дæргъы. Ацы рæстæгмæ cын бантыст 354 пациентмæ `ркæсын.
Операцимæ равзæрстой 65 ас адæймаджы æмæ 6 сывæллоны, ноджы 25 сывæллонæн та рахизын кæндзысты реабилитаци.
Делегацийы сконды сты 5 специалисты.