Хицауад сфидар кодта фæцæрыны минимумы бæрц

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 24 июл – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны ивд æрцыд минимумы бæрц. Æмбæлон уынаффæ рахастæуыд хицауады рабадты.
Афтæмæй, 2024 азы дыккаг кварталы фæцæрынæн хъæуæг æхцайы æппындкъаддæр бæрц у 17 568 сомы, куыстхъом æмбæстæгтæн – 18 822 сомы, пенсионертæн – 14 274 сомы, сывæллæттæн – 18 520 сомы.
Хуссар Ирыстоны экономикæйы министр Хъотайты Сæрмæт куыд загъта, афтæмæй, азы фыццаг кварталимæ абаргæйæ, ацы бæрæггæнæн фæфылдæр. Уый баст у хæлцадон продуктты фæзынаргъимæ. Сæ аргъ схызт ссадæн, айкæн, æхсырæн, дыргътæн, халсартæн æмæ дзидзайæн.

"Фæцæрыны минимум фæфылдæр 319 сомы (1,85 %) бæрц, куыстхъом æмбæстæгтæн – 359 сомы (1,94 %) бæрц, пенсионертæн – 242 сомы (1,72 %) бæрц, сывæллæттæн – 302 сомы (1,73 %) бæрц" – банысан кодта министр.