Ветеринартæ кæнынц биркæтæ ставдкъах æмæ лыстæгкъах фосыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ветеринарон службæтæ кусынц ставдкъах æмæ лыстæгкъах фосыл биркæтæ бакæныныл – фехъусын кодтой Хъæууон хæдзарады министрады.
"Сæрмагонд номыримæ биркæтæ хъæуынц фосдарды къабазы уавæр хуыздæр раиртасынæн, афтæ ма фосы æнæниздзинадмæ системон æгъдауæй хъус дарынæн æмæ алыхуызон инфекцион низты профилактикæйæн – бамбарын кодтой министрады.
Йæ фосыл биркæтæ бакæнын чи нæ бауадза, уыцы æмбæстæгтæ паддзахадон æххуыс нал исдзысты, æгæрыстæмæй фос уæй кæнгæйæ документтæ саразыны хъуыддаджы дæр.