ЦХИНВАЛ, 26 июл – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Цхинвалы администраци 18 бинонтыл байуæрста ногарæзт хæдзары фатертæ. Йæ цæрæнуатон уавæртæ фæхуыздæр кæнинаг кæмæн сты, уыцы адæмы иу къордæн абон лæвæрд æрцыдысты дæгъæлтæ. Ногарæзт бирæфатерон хæдзар ис ирæтты уынджы. Амондджын бинонтимæ фембæлд горæты администрацийы сæргълæууæг Хуыгаты Ромео. Уый сæ ракуырдта хатыр, цæрæнуатон къамисы куыст кæй бафæстиат, уый тыххæй, æмæ банысан кодта, дарддæр кæй уардзысты фатертæ, рады чи лæууы, уыдоныл
Мэры ныхæстæм гæсгæ, къамисы архайд у рæстдзинады принциптыл амад æмæ ног цæрæнуат райсынц, æцæгдæр чи тыхсы, уыдон.
"Фатертæ уæй ничи кæны", – бахахх кодта Хуыгаты Ромео.