Барадхъахъхъæнджытæ бæрæг кæнынц улæфæн бынæттæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 25 июл - Sputnik. Милицийы кусджытæ рейдты рæстæджы бæрæг кæнынц улæфæн бынæттæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.
Сæрдыгон æнтæфы адæм сæхи айсынц доны цурмæ. Министрад сиды республикæйы цæрджытæм, цæмæй сæ сывæллæтты донуæтты цур æнæркастæй ма уадзой æмæ сæм сæ хъус дарой уæлдай лæмбынæг.
Горæты цады был
Горæты æмæ республикæйы районты рейдтæ цæуынц æрвылбон дæр. Улæфджыты базонгæ кæнынц æдасдзинады домæнтимæ. Уымæй дарддæр сын сæ зæрдыл æрлæууын кæнынц, нозтджынæй машинæ скъæрыны бар кæй нæй, æхсæнадон фæтк халыны тыххæй та кæй баййафдзысты `фхæрд.