Хуссар Иры МХМ радзырдтой ивгъуыд къуырийы криминогенон уавӕры тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри регистраци ӕрцыд ӕртӕ фыдракӕнды, уыдон раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ, хъусын кӕны къуырисӕры республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

"Республикӕйы территорийыл ивгъуыд къуыри регистраци ӕрцыд ӕртӕ фыдракӕнды: адавд, наркотикон буарадимӕ зайӕгойты ӕнӕзаконон культиваци, кардӕй цӕф – уыдон иууылдӕр раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ", - банысан кодтой министрады.

Уымӕй дарддӕр республикӕйы фӕндӕгтыл иу къуыримӕ ӕрцыд иу авари, цауы фӕтиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ иу къуыримӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 285 фӕткхалды, ӕртӕ шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.