Культурӕ ӕмӕ спорт: Дзауы районы бакодтой этнографион лагерь фӕсивӕдӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны бакодтой этнографион лагерь фӕсивӕдӕн Дзауы районы Начърепайы хъӕуы, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.
Лагеры ис ахуырадон, спортивон-туристон ӕмӕ культурон-хиирхӕфсӕн программӕтӕ авд бонмӕ. Ацы рӕстӕджы дӕргъы фӕсивӕд райсдзысты зонындзинӕдтӕ националон къӕбиц, ирон адӕмы традицитӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ, националон хореографи ӕмӕ ирон хъӕзтытӕй.
Этнолагерь уагъд цӕудзӕн дыууӕ потокы фӕйнӕ 60 хайадисӕджы алкӕцыйы дӕр.