Хуссар Иры фӕстаг хӕрзбон загътой СӔО-йы фӕмардуӕвӕг хӕстон Санахъоты Давидӕн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 31 июл – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фӕстаг хӕрзбон загътой сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы (СӔО) фӕмардуӕвӕг хӕстон Санахъоты Давидӕн.
Фыдохы митингмӕ ӕрбацыд республикӕйы къухдариуӕгад президент Гаглойты Аланы сӕргълӕудӕй.
Санахъоты Давид райгуыр 1987 азы 27 майы. Каст фӕцис 12-ӕм скъола, уый фӕстӕ бацыд ахуыр кӕнынмӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон университы юриспруденцийы факультетмӕ. Службӕ кодта Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады рӕнхъыты.
"СӔО райдайӕнӕй фӕстӕ службӕ кодта 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы ӕмӕ йӕ хӕсыл нымадта йе ’мгӕрттимӕ иумӕ хъахъхъӕнын Уӕрӕсейы интерестӕ. Давид йӕхи иттӕг хорз равдыста тохы быдыры, уый тыххӕй дзурынц йе чи службӕ кодта, уыдон" - радзырдта Хуссар Ирыстоны парламенты раздӕры депутат Санахъоты Давид.
СӔО райдайӕнӕй фӕстӕмӕ уый тох кодта 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы рӕнхъыты, уый фӕстӕ та батальонтӕ "Крым" ӕмӕ "Шторм Алания"-йы. Йӕ сгуыхтдзинӕдты тыххӕй йӕ схорзӕхджын кодтой Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны паддзахадон майдантӕй, афтӕ ма 58-ӕм ӕфсады командӕгӕнӕджы хорзӕхтӕй.