Цхинвалы активон темптӕй хӕрзарӕзт кӕнынц микрорайон БАМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 авг – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы микрорайон БАМ-ы хӕрарӕзтадон куыстытӕ фӕуыдзысты сентябры, радзырдтой президент Гаглойты Аланӕн йӕ инспекцион балцы рӕстӕджы аразджытӕ.
"Сӕйраг куыстытӕ ныридӕгӕн фесты, ныр арӕзтады ӕмгъуыд баст у асфальтон заводы куыстимӕ. Мах нӕхицӕн снысан кодтам ӕмгъуыд – дыууӕ мӕйы. Мах раздӕр фӕуыдаиккам куыстытӕ, фӕлӕ ӕртӕ къуырийы дӕргъы цӕрджытимӕ ныхас кодтам, цӕмӕй айсой ӕнӕзаконон бӕстыхӕйттӕ", - радзырдта Комавтодоры сӕргълӕууӕг Гӕбӕраты Алан.
Цыппӕрӕмы президент Гаглойты Алан басгӕрста кӕртыты хӕрзарӕзтадон куыстыты цыд столицӕйы микрорайон БАМ-ы Плиты Харитоны уынгыл.
"Хорз бакуыстат, фӕуӕрӕхдӕр дзы ис, куыстыты фӕуды фӕстӕ та дзы уыдзӕнис тынг аив", - загъта президент.
Цалцӕггӕнӕн куыстытӕй райгонд баззадысты корпусты цӕрджыты дӕр.
Гаглойты Алан бабӕрӕг кодта микрорайон БАМ