УФ хицауад банхъардта Путинӕн бафыссын бадзырд Хуссар Иримӕ УӔС кусджыты пенситы фӕдыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 авг – Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы хицауад хорзыл банымадта Хуссар Ирыстонимӕ бадзырды проект уголовон-ӕххӕстгӕнӕн системӕйы (УӔС) кусджыты пенсион ифтонгады фӕдыл, дзырдӕуы уынаффӕйы, кӕцы мыхуыргонд ӕрцыд барадон информацийы интернет-порталы.
Бадзырды проектмӕ гӕсгӕ, кусджытӕн пенсион азтӕм бахӕсдзысты службӕ Гарзджын тыхты, ӕдасдзинады органты, мидхъуыддӕгты органты, Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстон ӕмӕ раздӕры ССРЦ уголовон-ӕххӕстгӕнӕн системӕйы органты, афтӕ ма Хӕдбар паддзахӕдты ӕмбалады иумӕйаг гарзджын тыхты сконды.
Кусджытӕн пенси фиддзысты иудадзыг цы бӕстӕйы цӕры, уый компетентон органтӕ бынӕттон законадмӕ гӕсгӕ.