ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik. Хуссар Иры аграритӕ райдыдтой ӕфснайын хоры культурӕтӕ, фехъусын кодта республикӕйы Хъӕууон хӕдзарады министрады пресс-службӕ.
Министрады куыд банысан кодтой, афтӕмӕй республикӕйы хъӕууонхӕдзарадон культурӕтӕ байтыдтой ӕртӕ минӕй фылдӕр гектарыл.
"Ӕфснаинаг сты хоры культурӕтӕ, сӕ нымӕцы хъӕбӕрхор, мӕнӕу, сысджы, нартхор ӕмӕ ӕндӕртӕ. Хъӕуы банысан кӕнын, азӕй-азмӕ фылдӕр кӕй тауынц хоры культурӕтӕ, ацы аз сӕ байтыдтой 600 гектарыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, аграритӕ райдыдтой ӕфснайыны кампани рӕстӕгыл ӕмӕ йӕ фӕнд кӕнынц фӕуын цыбыр ӕмгъуыдмӕ.
Куыстытӕ иууылдӕр ӕххӕст цӕуынц Паддзахадон унитарон куыстуат "Ирагропромсервис"-ы техникӕйӕ пайдагӕнгӕйӕ.