ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнджытӕ уадзынц рейдон мадзӕлттӕ фӕндагон змӕлды фӕткхӕлдтӕ сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Рейдтӕ здӕхт сты фӕндагон змӕлды фӕткхӕлдтӕ ма руадзынмӕ, ӕнахъом ӕмӕ нозтджын шофырты сбӕрӕг кӕнынмӕ, афтӕ ма ӕнӕ ӕмбӕлон документтимӕ шофырты сбӕрӕг кӕнынмӕ.
Профилактикон мадзӕлтты рӕстӕ джы МХМ кусджытӕ басгарынц траспортон фӕрӕзтӕ наркотиктӕ ӕмӕ ӕнӕрегистрацигонд хӕцӕнгарз ссарыны нысанӕн.