ЦХИНВАЛ, 6 авг – Sputnik, Дзæгъиаты Олег. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад (ФХМ) кусы, цæмæй РХИ хæдбардзинад банымайой æхсæнадæмон æхсæнады æндæр бæстæтæ, фехъусын кодта уагдоны сæргълæууæг Джиоты Æхсар пресс-конференцийыл паддзахадон мыхуыр æмæ информацийы комитеты.
"Ацы здæхты куыст цæуы. Ацы фарст æдзух ис министрады боны фæткы", - банысан кодта министр.
Джиоты Æхсар бахахх кодта, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл куыст цæудзæн, цалынмæ республикæйы ФХМ уа, уæдмæ.