ЦХИНВАЛ, 8 авг - Sputnik. Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) официалон минæвар Мария Захарова 2008 азы августы хæсты 16-æм афæдзы бон фехъусын кодта, Фæскавказы æдасдзинады фæдыл Æхсæнадæмон женеваг дискусситы хайадисджытæ кæй хъуамæ бафыссой бадзырд тыхæй ма пайда кæныны фæдыл Гуырдзыстон, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн. Комментари мыхуыр æрцыд Уæрæсейы ФХМ официалон сайтыл.
"Нæ хъуыдымæ гæсгæ, Дискусситы хайадисджытæ хъуамæ фылдæр спайда кæной сæ потенциалæй æмæ, сæйраджыдæр, саразой бадзырд тыхæй ма пайда кæныны фæдыл Гуырдзыстон, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн. Ахæм юридикон хæсисттæ уыдзысты фидар гаранти, цæмæй 2008 азы августы трагикон цаутæ мауал æрцæуой", - банысан кодта Захарова.
Афтæ ма Захаровайы ныхæстæм гæсгæ, гуырдзыстойнаг-хуссарирыстойнаг æмæ гуырдзыстойнаг-абхазаг арæнты делимитаци æрнывыл кодтаид арæнгæрон районты уавæр.
Гуырдзыстойнаг ӕфсад райдыдта ӕххӕстмасштабон ӕрбабырст 2008 азы 8 августы æмбисæхсæвмæ æввахс. Цхинвалы æмæ горæты алыварс хъӕуты Гуырдзыстоны ӕфсад фӕкодта карз ӕхсты бын. Уый фæстæ Цхинвалмæ бабырстой танктæ æмæ гуырдзиаг тыхон структурæты равзаргæ хæйттæ. Республикӕйы столицӕйӕн ӕрхастӕуыд стыр зиан, фылдӕр кодта сабыр цӕрджыты ӕмӕ фидауынгӕнӕг тыхты ӕхсӕн амӕттӕгты нымӕц. Ацы трагикон уавӕры уӕрӕсейаг къухдариуӕгад аскъуыддзаг кодта тугкалд ӕрлӕууын кӕнын ӕмӕ Гуырдзыстоны тыхӕй сабырадмӕ ӕркӕныны операци райдайын. Уый кӕронмӕ бахӕццӕ 12 августы.