ЦХИНВАЛ, 13 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тохы фӕдыл фӕткдаруаты кусджытӕ столицӕйы дыууӕ хӕлцадон дуканийы ссардтой энергетикон нозты 50 иуӕджы, фехъусын кодта дыццӕджы республикӕйы МХМ пресс-службӕ.
"Фӕткхалджыты фӕдыл сарӕзтӕуыд ӕрмӕджытӕ административон фӕткхалды тыххӕй", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.
Министрады бафтыдтой, зӕгъгӕ, басгӕрсты фӕстӕ ӕрӕмбырдгонд ӕрмӕджытӕ барвитдзысты Цхинвалы тӕрхондоны ӕркастмӕ.
Хуссар Ирыстоны энергетикон нозты реализацийыл тобæ архайы 2012 азæй фæстæмæ. Фæткхалджытæм æнхъæлмæ кæсы ивар административон фæткхалды æрмæджыты конфискациимæ.