Цхинвалы хай баззайдзӕн ӕнӕ донӕй ӕртыццӕджы аварион-цалцӕггӕнӕн куыстыты тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 авг - Sputnik. Доны хӕтӕлты аварион-цалцӕггӕнӕн куыстытӕ уадзыны тыххӕй Цхинвалы цалдӕр районы ӕртыццӕджы, 14 августы, рӕстӕгмӕ нал уыдзӕн дон.
"Дон ахицӕн кӕндзысты райсом 10.00 сахатыл Мӕскуыйаг ӕмӕ БАМ-ы микрорайоны, афтӕ ма 8 Июны уынджы хайы дӕр", - бафӕдзӕхстой Цхинвалы администрацийы пресс-службӕйы.
Донифтонгад штатон режимы сног уыдзӕн 16.00 сахатыл.