ЦХИНВАЛ, 14 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) æртыццæджы арвыста абхазаг коллегæтæм æмуддзинады нотæ Фыдыбæстæйы хъахъхъæнджыты номарæн Боны фæдыл, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Ацы бон 32 азы размæ Абхазмæ бахызтысты Гуырдзыстоны æфсæдтæ.
"1992 азы 14 августы цы трагикон цаутæ райдыдтой, уыдон баззайдзысты стыр хъæдгомæй абхазаг адæмæн. Абхазы адæм бафыстой стыр аргъ, цæмæй сæ къухты бафта уæлахиз", - дзырдæуы нотæйы.
Хуссар Ирыстоны ФХМ бахахх кодтой, кæй тæфæрфæс кæнын Абхазы фæмардуæвæг хъахъхъæнджытæ æмæ сабыр цæрджыты хиуæттæн.