Белгороды областы бакодтой федералон характеры уæлвæткон уавæр

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 авг - Sputnik. Белгороды областы бакодтой федералон характеры уæлвæткон уавæр, фехъусын кодта областы губернатор Вячеслав Гладков.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, скъуыддзаг райстæуыд Уæлвæткон уавæрты министрады хицауадон къамисы æнæрадон рабадтыл уагдоны сæргълæууæг Александр Куренковы къухдариуæгады бын.
Гладков бафтыдта, зæгъгæ, областы къухдариуæгад æввахс рæстæджы фехъусын кæндзæн цæрджытæн, ацы режим кæй у зианбаййафæг муниципалитеттæ æмæ цæрджытæн.
Уый размæ Курск, Белгород æмæ Брянскы областты æмбæстæгты æдасдзинад сæххæст кæнын æмæ украинæйаг хæстонты диверситæ ма руадзыны нысанæн бакодтой контр-террористон операци. Зианбаййафæг районтæй сэвакуаци кодтой 120 минæй фылдæр адæймаджы.