ЦХИНВАЛ, 14 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы фæдыл къамис рабадтыл равзæрста дæс уацмысы литературæ, аивад, публицистикæ, ирон филологи æмæ историон зонæдты къабазы, хъусын кæны республикæйы президенты администрацийы пресс-службæ.
Конкурсмæ бавдыстой 12 куысты, уыдонæй къамисы уæнгтæ равзæрстой дæс: æртæ литературæйы къабазы, ноджы уыййас аивады къабазы, дыууæ – публицистикæйы къабазы æмæ фæйнæ иу та историон зонæдтæ æмæ филологийы къабазы.
Конкурсы хатдзæгтæ бæрæг уыдзысты ацы аз октябры.