Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой дыууæ HIMARS-ы Сумыйы областы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 авг - Sputnik. Уæрæсейаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы дыууæ иуæджы Сумыйы областы, фехъусын кодтой Уæрæсейы Федерацийы хъахъхъæнынады министрады.
Уагдоны ныммыхуыр кодта оперативон контролы кадртæ, цы ран зыны хæстæрмæджыты детонаци.
"Залпон æхсты реактивон системæ HIMARS-ы позицитæ раргом кодтой æмæ сæ ракетон æхст фæкодтой. Цæфты фæстиуæгæн скуынæг кодтой: HIMARS-ы дыууæ иуæджы, траснпортон хæдтулгæ æмæ дыууæ уæлæмхасæн пакеты (12 реактивон сармадзаны)", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уый размæ æфсæддон авиаци æхсæвы фехста Украинæйы Гарзджын тыхты удæгас тыхты æмæ техникæ Курскы областы арæнгæрон районы.