ЦХИНВАЛ, 19 авг – Sputnik. Ивгъуыд къуыри фæндагон-транспортон цауты фæстиуæгæн бахъыгдард сты æртæ адæймаджы, – хъусын кæны Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæ.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, фæндагон змæлды фæткойтæ хæлд æрцыдысты дыууæсæдæ цыппор æхсæз хатты. Уымæй дарддæр, дыууæ нозтджын шофыры фæдыл бакодтой административон суагъæтæ. Æртæ шофыры нæ бакуымдтой медицинон басгæрст рахизын, афтæмæй уый дæр æркæны административон бæрндзинадмæ.