Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд тымбыл фынг

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 авг – Sputnik, Дзæгъиаты. "Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æмахастытæ: историон мысынад æмæ глобализацийы домæнтæ" – ахæм темæйыл æрдзырдтой абон Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты.
Тымбыл фынг ауагътой Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бонмæ. Хайад дзы райстой фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар, парламенты вице-спикер Тадтаты Таймураз, республикæйы фыццаг президент Цыбырты Людвиг, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæвар Марат Кулахметов, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим, Цæгат Кавказы федералон университеты ректор Дмитрий Беспалов, афтæ ма ирон æмæ уæрæсейаг зонады архайджытæ.
Президенты номæй æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ бакастис паддзахадон уынаффæгæнæг Коцты Константин.
Тымбыл фынджы архайджытæ бакастысты докладтæ. Уыдон хаудысты ахуырад æмæ зонады къабазы æмгуыстадмæ, афтæ ма Цхинвал æмæ Мæскуыйы ахастыты дарддæры райрæзтмæ.