Путин куысты фæдыл ис Бакуйы

Sputnik
ЦХИНВАЛ 19 авг – Sputnik. Владимир Путин куысты фæдыл ныттахтис Бакумæ, – фехъусын кодта РИА Новости.
19 августы Уæрæсейы президент хайад райсдзæн æнусон арты монументмæ æмæ Азербайджаны иумæйагнацион лидер Гейдар Алиевы ингæнмæ дидинтæ бахæссыны церемонийы.
Уый фæстæ райдайдзæн Владимир Путин æмæ Азербайджаны президент Ильхам Алиевы официалон фембæлд. Уынаффæ цæудзæн Уæрæсе æмæ Азербайджаны ахастыты дарддæры райрæзтыл, афтæ ма æхсæнадæмон æмæ регионон проблемæты ахсджиагдæртыл. Уымæй дарддæр, дыууæ президенты бафысдзысты иумæйаг документтæ æмæ бацæттæ кæндзысты хъусинаг дзыллон информацийы фæрæзтæн.