МХМ кусджытæ рейдты рæстæджы æрцахстой Хуссар Иры цæрæджы наркотиктимæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 авг – Sputnik. Наркотикон буарадтæм хъусдарды фæдыл фæткдаруаты кусджытæ æрурæдтой хæдтулгæ "ВАЗ-21214", кæцыйыл скъæрдта столицæйы 34-аздзыд цæрæг.
Басгæрсты рæстæджы пассажирмæ, Дзауы районы Тонтобеты хъæуы 52-аздзыд цæрæгмæ, ссардæуыд наркотикон буарад.
"Хуссар Ирыстоны МХМ экспертон басгæрстмæ гæсгæ, 3,80 уæзимæ буарад уыд гæн. Медицинон басгæрст сбæрæг кодта, нæлгоймаг кæй пайда кодта гæнæй", - дзырдæуы министрады хъусинаджы.
Нæлгоймаджы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг наркотикон буарадты æнæзаконон æрзылды тыххæй.