ЦХИНВАЛ, 20 авг – Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин бабӕрӕг кодта уӕлӕмхас ахуырады сывӕллӕтты центртӕ Беслӕны – ӕвзонг техниктӕ ӕмӕ ӕвзонг натуралистты станцтӕ.
Станцтӕ бакодтой 2022 азы. Ӕвзонг техниктӕн арӕзт ӕрцыд фӕзуат, цы ран сӕ бон у фӕлварын сӕ техникон ифтонггарз. Ӕвзонг натуралистты станцы территорийыл та ис ӕртӕ теплицӕйы, цы ран фадат ис зайын кӕнын алыгъуызон зайӕгойтӕ.
Афтӕ ма бӕстыхӕйтты ис лекторитӕ, интерактивон ахуыртӕ ӕмӕ рекреацийы бынат, медицинон пункт ӕмӕ буфеттӕ.