Владимир Путин бабӕрӕг кодта мемориал "Город ангелов" Беслӕны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 20 авг – Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин бабӕрӕг кодта мемориалон комплекс "Город ангелов", цы ран ныгӕд сты Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы теракты 334 амӕттагӕй 266, хъусын кӕны РИА Новости.
Уӕрӕсейы президент дидинтӕ сӕвӕрдта фӕмардуӕвӕг сабыр цӕрджыты цыртмӕ, афтӕ ма сӕрмагонд нысаниуӕджы дӕлхайӕдтӕ "Альфа" ӕмӕ "Вымпел"-ы зынгхуыст хӕстонты цыртмӕ.
Владимир Путин ма бацыд Беслӕны фыццӕгӕм скъоламӕ, цы ран 2004 азы 1-3 сентябры ӕрцыд теракт. Ныр та скъола у мемориалон комплекс.