ЦХИНВАЛ, 21 авг - Sputnik, Томайты Аманда. Цхинвалы ацæудзæн Хуссар Иры хæдбардзинад банымайыны бонæн нывонд равдыст-армукъа "Сæндидзæн", фехъусын кодта республикæйы культурæйы министрады æвджид Адæмон сфæлдыстады центры пресс-службæ.
"Армукъа-равдысты хайад райсыны бар ис æппæт адæмæн сæ кар æмæ цæрыны бынатмæ æнæкæсгæйæ. Равдыстмæ бавдисдзысты куыстытæ адæмон сфæлдыстады ахæм хуызтæй: сугæй скульптурæ, сугыл нывæфтауын, инкрустраци, згъæрыл куыст æмæ афтæ дарддæр", - фехъусын кодтой пресс-службæйы.
Мадзалы хайад райсыны тыххæй хъæуы бадæттын анкетæ-куырдиат 21 августы онг.
"Мадзал ацæудзæн 26 августы 12.00 сахатыл Хетæгкаты Къостайы цырты раз", - банысан кодтой уагдоны.
Мадзалы кæрон равдыст-армукъайы хайадисджытæн ратдзысты дипломтæ.