Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ фехстой националистты дислокацийы бынат Николаевы областы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 21 авг - Sputnik. Николаевы сусӕгкуысты координатор Сергей Лебедев фехъусын кодта, уӕрӕсейаг авиаци кӕй фехста украинӕйаг неонацистон къорд "Кракен"-ы хӕстонты дислокацийы бынат Николаевы областы, хъусын кӕны РИА Новости.
"Николаевы областы хуссарварс ис хъӕу Галициново, уым та ис Глиноземон завод ӕмӕ наулӕууӕн зонӕ. Уым уыдысты экстремисттӕ "Кракен"-ӕй. Ӕмӕ ныр уыдоны дӕр ракетон ӕхст фӕкодтой", - хъусын кӕны агентад Лебедевы ныхӕстӕ.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ракетон цӕф сӕмбӕлд ӕфтауцыл, уырдӕм нырма уалдзӕджы ӕрбаластой бирӕнымӕц ракетӕтӕ ӕмӕ ӕндӕр хӕстӕрмӕджытӕ.