ЦХИНВАЛ, 23 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы Абреуы хъӕуы барадхъахъхъӕнджытӕ ссардтой гӕны 73 къутӕры, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Ленингоры районы Абреуы хъӕуы ныгуылӕны фарс милицийы кусджытӕ ссардтой наркотикон буарадимӕ зайӕгой "гӕн", - банысан кодтой министрады.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, зайӕгойтӕ арвыстой иртастмӕ МХМ Экспертон-криминалистон центрмӕ.