ЦХИНВАЛ, 23 авг - Sputnik. Волгограды областы Суровикинойы горӕты 19-ӕм колонийы ахӕстӕттӕ амынӕты систой кусджыты, цауы фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфтой уголовон-ӕххӕстгӕнӕн системӕйы цыппар кусӕджы, хъусын кӕны РИА Новости.
Кусджыты амынӕты систой 19-ӕм колонийы дисциплинарон къамисы рабадты рӕстӕджы.
Барадхъахъхъӕнджытӕ уадзынц мадзӕлттӕ, цӕмӕй ссӕрибар кӕной адӕмы. Афтӕ ма арӕзт ӕрцыд оперативон штаб тыхон структурӕты кусджыты архайды координацийы фӕдыл.