Юг-Телеком: интернет-провайдеры куысты згъуыдтытæн ис локалон характер

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 авг – Sputnik, Плиты Фатимæ. Интернет-провайдер "Юг-Телеком" кусы æнæ згъуыдтытæй, фехъусын кодтой Sputnik-æн компанийы техникон службæйы.
Фæстаг бонты хæтæлон интернетæй пайдагæнджытæ хъаст кæнынц провайдеры куысты згъуыдтыты тыххæй. Компанийы техникон службæйы банысан кодтой, пайдагæнджыты проблемæтæн кæй ис локалон характер.
"Кæд искæмæн интернет нæ кусы, уæд, æвæццæгæн, уыцы проблемæ баст у роутеримæ", - фехъусын кодтой "Юг-Телеком"-ы минæвæрттæ.
Интерентæй пайдагæнджытæн, кæцытæн фæзынд проблемæтæ, рекомендаци кæнынц бадзурын компанийы специалисттæм консультативон æххуыс райсыны тыххæй.