ЦХИНВАЛ, 27 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри регистраци ӕрцыд ӕртӕ фыдракӕнды, уыдон иууылдӕр раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ, фехъусын кодта дыццӕджы республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Уагдоны ма банысан кодтой, къуырийы дӕргъы барадхъахъхъӕнджытӕ кӕй ӕрбаздахтой бӕрндзинадмӕ Цхинвалы районы дыууӕ цӕрӕджы.
Афтӕ ма республикӕйы фӕндӕгты иу къуыримӕ ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы, уыдоны фӕстиуӕгӕн иу адӕймаг бахъыгдард, радзырдтой министрады.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ивгъуыд къуыри сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 306 фӕткхалды, аст шофыры фӕдыл та сарӕзтой административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.
Ноджы ма аст шофыры та не сразы сты медицинон басгӕрст рацӕуыныл, уый дӕр ӕркӕны административон бӕрндзинадмӕ, бафтыдтой министрады.