ЦХИНВАЛ, 28 авг - Sputnik. Дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы (ФТЦ) ӕрцыд дыццӕджы изӕры столицӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хъӕутӕй иуы, фехъусын кодта республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Знон изӕры ӕхсӕз сахатмӕ ӕввахс Цхинвалы централон уынгтӕй иуы "Toyota Mark X" хӕдтулгӕйы шофыр нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ ныццавта хӕдтулгӕтӕ "Mitsubishi Pajero" ӕмӕ "Cadillac Escalade", кӕцытӕ лӕууыдысты фӕндаггӕрон.
"Аварийы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй. Хӕдтулгӕтӕ райстой механикон цӕфтӕй", - банысан кодтой министрады.
Ноджы ма иу ФТЦ ӕрцыд дыццӕджы изӕры Дзау районы Гуфтайы хъӕуы. 49-аздзыд бынӕттон цӕрӕг нӕ сырӕхст скъӕрын ӕмӕ ВАЗ-2114 хӕдтулгӕ сфӕлдӕхт.
Хӕдтулгӕйы салоны ма уыд ноджы иу пассажир, цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй, бафтыдтой уагдоны
Хуссар Иры знон изӕр ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы
© Photo : Пресс-служба МВД РЮО