ЦХИНВАЛ, 28 авг - Sputnik. Уæрæсейы авиаци скуынæг кодта Украинæйы Гарзджын тыхты (УГТ) æфтауц Сумыйы областы, цы ран уыд залпон æхсты реактивон системæ HIMARS æмæ йæ хæстæрмæджытæ, хъусын кæны Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрад.
Афтæ ма уæрæсейаг вертолетты экипажтæ скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты хæстонтæ æмæ бронетехникæ Курскы областы арæнгæрон районты.
Уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ивгъуыд æхсæв уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ æрыппæрстой ныхмæлæууæджы 12 æнæпилотон тæхæг аппараты, уыдонæй аст скуынæг кодтой Воронежы областы территорийыл, цыппар та Ростовы областы территорийыл.