ЦХИНВАЛ, 29 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Уæрæсейы Гасситы Знауыр æмæ Евразиаг æхсæнадæмон университеты ректор, æхсæнадæмон клуб БРИКС-ы президент Константин Клименко æрдзырдтой конструктивон æмгуыстады фарстытыл. Уый тыххæй фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны минæварады пресс-службæ Уæрæсейы.
Кампус "Евразия" æмæ БРИКС-ы хæдзары баконды церемонийы Гасситы Знауыр бахахх кодта, республикæйы фидæн баст кæй у Уæрæсеимæ.
"Ирыстоны фидæн баст у тыхджын Уæрæсеимæ, æмæ мах кæд чысыл этнос стæм, уæддæр алыхатт дæр цæттæ стæм æххуыс æмæ æмгуыстадмæ", - банысан кодта минæвар.
Гасситы Знауыр фидарæй загъта, БРИКС-ы хæдзары арæзтад кæй уыдзæн фидар стимул ахсджиаг экономикон æмæ гуманитарон программæты релизацийæн куыд националон, афтæ глобалон масштабы дæр, уый та ахъаз уыдзæн Уæрæсейы позицитæ сфидар кæнынæн дунеон æмвæзадыл.