Санкт-Петербурджы уагъд цӕуы Бӕззаты Андрейы равдыст

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 29 авг - Sputnik, Томайты Аманда. Санкт-Петербурджы байгом Бӕззаты Андрейы равдыст "Грани времени".
"Равдыст "Грани времени" цӕуы 23-ӕм августӕй 15-ӕм сентябрмӕ нырыккон аивады Ног музейы. Равдысты баконд ацыд иттӕг хорз, бирӕ адӕм нӕм ӕрбацыд", - загъта Sputnik-ӕн нывгӕнӕг Бӕззаты Андрей.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, нырыккон портреттӕй дарддӕр музейы бавдыстой Нарты кадджытӕн нывонд 50 куысты.
Нывгӕнӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, Нарты кадджытӕн йӕ сфӕлдыстады ис бындурон бынат йӕ фыццаг куыстытӕй райдайгӕйӕ.