ЦХИНВАЛ, 29 авг - Sputnik. Уæрæсейы скъолаты ног ахуырадон азæй æнæмæнхъæугæ уыдзысты фæллойады уроктæ, фехъусын кодта Паддзахадон Думæйы спикер Вячеслав Володин.
"Фæллойадон хъомылад у ахуырадон процессы ахсджиаг хай. Сывæллоны чысылæй фæстæмæ куыстыл куы фæцайдагъ кæнай, уæд уый уыдзæн хорз бындур йæ фидæны æнтыстытæн", - банысан кодта спикер.
Афтæ ма скъолаты ахуыр кæндзысты "Райгуырæн бæстæйы æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынады бындуртæ" предмет.