ЦХИНВАЛ, 30 авг – Sputnik. Хуссар Ирыстоны ацы аз сӕхгӕндзысты дыууӕ скхолайы ахуырдзауты цухдзинады тыххӕй, фехъусын кодта йӕ пресс-конференцийыл мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты республикӕйы ахуырады министр Лолаты Аслан.
"Скъолатӕ сӕхгӕндзысты Бол ӕмӕ Ногхъӕуы. Афтӕ ма гӕнӕн ис сӕхгӕной иу скъола Хъемултайы хъӕуы, цы ран абоны бон ис ӕрмӕстдӕр иу ахуырдзау", - загъта министр.
Лолаты Аслан бахахх кодта, республикӕйы ацы аз 10-ӕй фылдӕр скъолайы кӕй нӕй фыццагкъласонтӕ. Уыдон се ‘ппӕт дӕр сты хъӕууон скъолатӕ.
Министр бафтыдта, зӕгъгӕ республикӕйы ис егъау проблемӕтӕ хъӕууон скъолатимӕ: ацы ахуырадон уагдӕтты азӕй-азмӕ къаддӕр кӕны ахуырдзауты нымӕц.