ЦХИНВАЛ, 30 авг - Sputnik, Томайты Аманда. Хуссар Ирыстоны столицӕйы ацӕудзысты Беслӕны трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ссарыны фӕдыл фыдохы мадзӕлттӕ. Уый тыххӕй Sputnik-ӕн радзырдта республикӕйы ахуырады министрады ахуырад ӕмӕ хъомылады хайады консультант Буджиты Замира.
"Аргъуанон фӕзуаты, 3 сентябры, ацӕудзӕн фыдохы митинг. Мадзал нывонд у нырыккон историйы иууыл ӕвирхъаудӕр трагедитӕй иу – Беслӕны терактӕн", - загъта уый.
Мадзалы фӕлгӕтты ӕрӕмбырдуӕвджытӕ ӕрымысдзысты 2004 азы трагикон цаутӕ ӕмӕ ссардзысты фӕмардуӕвджыты рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ.
2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой 1128 амынӕты. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕнг 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.